НÆ МÆ ХЪÆУЫ УÆ КАД...
Нæ мæ хъæуы уæ кад,
Нæ мæ хъæуы уæ намыс.
Ныууадзут мæ æнцад,
Стут бирæгътæ, æз — далыс.
Фæйнæ кæвдæсыл баст
Ыстæм, нæ холлаг — хицæн.
Уæ чындзæхсæв, уæ хъазт —
Уæхи, мæ цин — мæхицæн.
Уæ алкæцы — Хъæриу,
Æмхуызонæй — къæдзæхтæ.
Сымахимæ мæ иу
Нæ кæны арвау зæхх дæр.
Автор:
ДЗАСОХОВ Музафер