Цæуы дæ фарсмæ, ард,
Кæддæриддæр мæнг ард.
Сты адджын æмæ маст
Æзынгæ тæгтæй баст.
Сты раст æмæ зылын
Æнæниз æмæ рын...
Кæнæд æдзух уæлахиз
Дæ галиуыл дæ рахиз.
Автор: ДЗАСОХОВ Музафер