Дæ бирæ рæбынты кæны ис-бис ривæд,
Лæджы кадгæнæг артыл ауагътай дон.
Мæгуыр дæ, фæлæ дын нæ кæнын тæригъæд,
Ыстæй дын нæу баххуыс кæнын дæр мæ бон.
Ды удхъуаг дæ, удхъуаг, нæ фæдæ хæрзудæй
Ды хайджын, лæбурын, зыд кæнын — дæ уаг.
Дæхимæ лæг кæсыс æрмæстдæр дæ худæй,
Ды мулкæй фæстæмæ дæ алцæмæй хъуаг.
Нылвæста дæ гæлдæр дæ зæрдæ дæ риуы,
Кæныс ма тыхулæфт, æгасæй дæ мард.
Дзыппæй нæ — цæстæнгасæй дæр нырма иуы
Нæма барæвдыдтай, нæу ахæм цард цард.
Фырхæлæгæй тайынц дæ цæстыты фиутæ —
Нæ Иры фылдæр мулк кæмæ ис дæуæй.
Дæ уæнджы нæй стæджы мур — иууыл æргъиутæ,
Дæ хъултæ цыг бадынц, хызт — сахæй, тæуæй.
Гуыппарты зынг никуы æрæвæрдтай зынгыл,
Нæ равдыстай иунæг хъуыддаджы сæрфат.
«Дæлдæр абад» дзурынц дæу хуызæттæн фынгыл —
Цы ран вæййы намыс, цы ран вæййы кад.
Автор: ДЗАСОХОВ Музафер