Къуырцдзæвæнмæ батард зонд,
Систой мулчы та бæрзонд.
Уырдыгæй кæсы ныллæгмæ,
Зонд кæм арыдæуы сæгмæ.
Фæлæ сызгъæрины тас
Никуы бауагъта мылаз.
Сæрттивдзæн та райсом хурмæ,
Хъардзысты йæ тынтæ дурмæ.
Автор: ДЗАСОХОВ Музафер