Нæ бынтæ нын ныффу кодта, фæкъахта нæ, фæдавта,
Нæ ауæрды æлхæныныл, уæй кæныныл дæр — афтæ.
Дзаджджын хай нын ис уазалæй, æнæхай фестæм хъармæй,
Фыдæй — мæгуыр, хъæздыг ыстæм ысджытæ æмæ цармæй.
Нæ рухсы хай нын айстæуыд, йæ бæсты нын хуыдалынг
Æрбахаста, уæддæр уынæм, куыд афтид у нæ арынг.
Нæ царды цалх бæрзонд рындзæй фæтулы хохы цъасмæ,
Кæдмæ кæндзæн сæрбихъуырой, кæдмæ тулдзæни, цас ма
Йæ гыбар-гыбур хъуысдзæни, кæдмæ мардзæн йæ рыгæй?
Кæдмæ уыдзæн йæ развæндаг æхсад цæстыты сыгæй?
Кæдмæ хæсдзæн йæ масты дзæкъул мæгуыр лæг тыппырæй?
Йæ райгуырæн фыдызæххыл кæдмæ цæудзæн гуыбырæй?..
Æрлæудзæни та ахæм дуг, кæд фæуыдзæн уæлахиз
Рæстдзинад, уый кæд ысуыдзæн кæддæры хуызæн мах ис.
Автор: ДЗАСОХОВ Музафер