Æрцæуы уæздан цыдæй цæм,
Йæ цыды лæг не ссардзæн къæм.
Нæу мит дæр, нæу их дæр, нæу дон,
Йæ уæлцъар — ызгъæрхуыз хæдон.
Йæ сæрмæ — бæзджын мигъ-фæздæг,
Цыма нæу зымæг — у фæззæг.
Автор: ДЗАСОХОВ Музафер