Нæ дæн уæ рæхысæй æз цæг,
Нæ дзурын мæнг, у уый æцæг.
Хæрам хæрамыл æз бæттæг
Нæ уыдзынæн, у уый æцæг.
Уæ бирæ мулкмæ æз хæлæг
Нæ кæнын, уый дæр у æцæг.
Мæнæй æцæгæлондæр лæг
Сымахæн нæй, у уый æцæг.
Автор: ДЗАСОХОВ Музафер