Æз ацы уынджы нал уынын мæ зонгæтæй дзæвгары,
Ыстæммæ ма дзы фембæлын мæ цахъхъæныл, æмгарыл.
Мæхи дæр мын дзы тагъд рæстæджы нал уыдзæн уынæг:
Кæнынц нæ бонтæ, афæдзтæ æнауæрдон куынæг.
Автор: ДЗАСОХОВ Музафер