УАЛДЗÆДЖЫ ФИДИУÆГ — ДИДИНÆГ — БУР...
Уалдзæджы фидиуæг — дидинæг — бур,
Билцъы хъуырдухæнтæ йемæ ысхæссы.
Хæдзæртты фæдджитыл ихтæ — зæбул,
Зымæджы судзаг сыл зæхмæ лæдæрсы.
Ихы æвзагалгъыл æртæх ныннæрст,
Зымæджы уазалæй скодта æргъæмттæ.
Расхъиудта, цады фæцыдис йæ дзæхст
Æмæ фæхаудта фæйнæрдæм пырхæнтæй.
Цымыл гæзæмæты сирвæзтис арт —
Бур дидин акалдта. Фехъал ис арс дæр,
Цымы дæлбазыр уæззаугай æрбадт,
«Чи мæ райхъал кодта?» — уалдзæджы фарста...
Автор:
КОЗАЕВ Исидор