ЦИНТÆЙ РАСЫГ
Æрмæстдæр хуры ’вджид куы баззайа дæ зæрдæ,
Куы нæ дын хай кæна зæххон цинтæй хъысмæт,
Куы бахынца дæ зонд: зæронд, æдых, лæмæгъ дæ,
Цæрын дæумæ дæр нал цæудзæнис уæд...
Дæ фырты къобор фырт куы базгъора дæ размæ,
Йæ тыппыр къухтæ дæм куы сиваза бæрзонд,
Дæ боны удхæрттæ уæд не ’рхæсдзынæ базмæ,
Дæ чысыл фæдон дын ныррухс кæндзæн дæ зонд.
Дæ ныфс, дæ цардæмбал куы схъарм кæна
дæ хуыссæн,
Куы та дын бакæна дæ сæры бын йæ цонг,
Кæм ма уыдзæни, кæ, уæд амондджын дæу хуызæн?!
Зон, цинтæй расыг никуы кæны ’рвонг!
Автор:
ДАУРОВА Зоя