ДИДИНÆГ
Дидинæг райхъали райсомæй,
Радардта хурмæ йæ сæр,
Сихортæм афæлдæхт тæвд хурæй,
Йзæрмæ амард уæддæр.
Дидийæг бампылдис малы цур,
Нал уыд йæ кой дæр, йæ хъæр.
Иннæ бон ракасти рухсдæр хур,
Дидиæг разад уæддæр.
Дидинæг нал тæрсы тæвд хурæй,
Стъалытæм худы æxcæв.
Ноджы ма зайдзæни уый цур дæр
Сойджын цъæх-цъæхид кæрдæг.
Автор:
ФАРНИОН Коста