КАД
Банцай... Ныууадз мæ, дæ хорзæхæй,
Зонын дæ кадæн йæ кад.
Не стæрын барвæндæй гомдзыхæЙ
Барджынтæй искæй дæлфад.
Адæмæй хорзæхтæ ракургæ
Не сты фæндонæй мыййагг.
Цардæн йæхи мидæг агургæ,
Кадмæ гъе — уым ис фæндаг.
Базар уæлахизæй, де ’цæгæй,
Равдис дæ хъару, дæ тых.
Раппар зæронд дзывыр де ’цæгæй!
Базад тракторыл дзых.
Зары трактор æндой зарæг,
Гутæттæй адары хахх.
Ног хъæуæй рацыдис ног зæнæг:
Цæйут, рæвдауæм æй мах.
Кад дæ фæсайдзæн йæ козбауæй,
О, æвзæр, ма баууæнд, ма!
Науæд æрхаудзынæ обауæй, —
Фестдзынæ цады хъуына.
Ма дзур... Ныууадз мæ, дæ хорзæхæй»
Хорзæхæн зонын йæ кад.
Не стæрын барвæндæй, гомдзыхæй
Барджынтæй искæй дæлфад..
Автор:
ФАРНИОН Коста