УАЛДЗÆГ, УАЛДЗÆГ...
Уалдзæг, уалдзæг,
Зарынц цъиутæ.
Уынгты хъæлдзæг,
Гом хъуыр — риутæ.
Гутон разылд
Фæзмæ заргæ,
Фыййау рацыд
Фос скъæргæ.
Кæрдæг рæздзæн,
Зæхх фæлдахæм.
Сæрд дæр уайдзæн
Тагъддæр махмæ.
Уайынц дæттæ,
‘Рттивынц хæхтæ.
Æрдз у хъæлдзæг;
Уый у уалдзæг.
Автор:
ФАРНИОН Коста