МÆГЪÆЛДА
Партийы ссыгъдæгмæ
Нæ дзуры - мæ ныхмæ,
Нæ дзуры - дæ ныхмæ,
Æдзухдæр æнæмæт, æнцад,
Уый уарзы æнувыдæй цард!
Йæ худын - йæ хъазын,
Фæзоны уый нуазын.
Нæ цæстмæ нæ сæрыл —
Цыргь кард,
Фæсаууон — фыдфæлывд, мæнгард!
Куыд уарзы йæ билет!
Уæд ноджы йæ бынат!
Бынтондæр куыд уарзы æхца,
(Цы зонын, мыййаг мæм хæца).
Мæгъæлда, мæгъæлда!
Мæгъæлда, мæгъæлда!
Æрцыдис дæ цардæн кæрон,
Парти дæ раппардзæн
ЗОН!
Автор:
ФАРНИОН Коста