НОГДЗАУТÆН
Абон бæрæгбон у махæн,
Райсæм сырх тырыса, цæй!
Фенæм нæ куыстытæ мах дæр;
Ног цардмæ уайæм фæрнæй.
Не ’мбæлттæ абон кæмдæрты,
Тухи кæнгæйæ, хæцынц,
Уыдон - æвæгæс, зын рæтты,
Арæх фыд митæй мæлынц.
Феххуыс уæм не ’мбæлттæн мах дæр,
Уадз, æмæ бартæм цæуой.
Райсдзысты бартæ уæд тагъддæр,
Фендзысты царды æнцой.
Автор:
ФАРНИОН Коста