СЫВÆЛЛОНЫ КУЫРДИАТ
Цъæх нæууыл, хъæугæрон,
Хъазыди сывæллон, —
Хур æм ныкъуылдта йæ цæст:
- Уый дын дæ бæрæгбон,
Цъæх нæуу дæ хъазæндон, —
Рауай ма ардæм' æххæст.
Хъазгæйæ сывæллон,
Мидбылты бахудтис,
Хурмæ ыскодта йæ каст.
«Хорз у мæ хъазæндон,
Курын дæ иу лæвар раст: —
Ратт мын дæ уалдзæджы
Фидар, æндон хъæлæс,
Дардмæ куыд хъуыса мæ зард.
Зардзынæн кæрдæджы,
Уæлæ фæсхохмæ кæс,
Хъуысдзæн мæ зарæг уæд дард.»
Автор:
ФАРНИОН Коста