КЪÆВДА
Сусæгæй дзуры цыдæртæ...
Бæлæстæ хъусынц лыстæг,
Арв дæр ныккæны 'фыд хъæртæ,
Ку’ ахæссид ахæм рæстæг!
Бухъхъытæ самадтой хортæ,
Дарынц сæ дзыхтæ хæрдмæ,
Цины сты абон мыдхортæ,
Уайдзысты райсом мыдмæ.
Дидинæг систа йæ хъустæ,
Дымгæйæн радта йæ тæф...
Цуанон та мардзæн тæрхъустæ…
Малы та даудзæнис кæф...
Цыхцырæг не ’нцайы къуппæй..
Къанау дæр дзуры цыдæр.
Дымгæ æрбадзуры цъуппæй:
Азар, дам, азар, ды дзæр!
Автор:
ФАРНИОН Коста