РОХ МÆ НÆ КÆНЫ
Хур-иу æрттывта уæларвæй,
Хъæугæрон родтæ хызтон.
Бонтæ цыдысты æнкъардæй,
Рыгыл цыдæртæ фыстон...
Хур-иу куы æркъул нæ рæгътæм,
Сирвæзт-иу доны хъæр уæд.
Хъуысти мæ зарæг къæдзæхтæм,
Арыдта хæхтæн сæ хъæр...
Чи ’мбæрста царды æгъдæуттæ,
Чи зыдта адæмон уаг?
Амадтон дурæй хæдзæрттæ,
Уадындзæй уасыдтæн фаг...
Рæгътæн сæ рæбын ныттымбыл
Талынг, чысыл хъæу Сечер.
Хъæуæн йæ разы ыстыр был, —
Хъуысы у-Ерæфы чыр-чыр.
Диссаг дæ, диссаг, мæ зæрдæ,
Рох дæр нæ кæныс нæ хъæу!
Федтон Уырыс дæр... æндæртæ:
Йу дæр дзы уый хуызæн нæу.
Талынг, мæгуыр хъæу, æвадат,
Зæрдыл дæ дарын ныр дæр.
Цинтæ ’мæ куывдты фæбадат,
Уарзын уæ, уарзын, æгæр!
Автор:
ФАРНИОН Коста