ЦАРДЫ СÆРВÆЛТАУ
Æз федтон ацы хæхтыл цинтæ,
Æз федтон ацы зæххыл хъыг.
Мæ бонтæ баисты ныр минтæ,
Æрбадт мыл карз зымæджы рыг...
Хъысмæты кæлæнтæ æвзæрстон,—
Нæ амонд афтæ у æнус.
Уæддæр æхсокдурæй лæмæрстон
Хæххон мæйдар æхсæвты рухс...
Зылди кæрæф мæлæт мæ фæстæ,
Уыдис йæ фат-мысан мæ риу...
Уыдзæн йæ амæттаг æрмæстдæр
Мæ фæстаг цауд бонтæй сæ иу...
1978
Автор:
КОЗАЕВ Исидор