БАЛЦЫ ФÆНДАГЫЛ
Хъуыдытæ, нæй мын уæ ахæстæй
Иу уысм фæхицæн:
Зæрдæ æрривади сагъæстæй, —
Амард, ныйихæн...
Хъуамæ уæм иудадзыг хæтæнты,
Ма зонæм рынцаа.
Зилæм нæ хæхтæ, нæ фæтæнты,
Хорз сæ фæхынцæм.
Ма уæм хъуынабадæн цаддонау,
Абухæм фурдау.
Дойны куыд сæттæм суадонау,
Уазал та — хурау.
Зонæм лæджы сидтмæ фестъæлфын,
Риссæм йæ рисыл.
Зиууæтты ерысы — не стæлфæн,
Иууыл — фæдисы.
Бафтауæм хурмæ нæ мидбылхудт,
Мигътæм — цæстысыг.
Ферттивæм а-зæххыл мин-мин хатт,
Цæхсæм бæсты рыг...
Райхалæм иууыл нæ къуыбылой,
Алцы дæр — уагыл.
Ма цæуæм, макæд сæргуыбырæй
Балцы фæндагыл...
1976
Автор:
КОЗАЕВ Исидор