МАХ ФÆЦАРДЫСТÆМ ФЫЛДÆР
Мах арæх фехъусæм, фæкæсæм:
«Фæцардис ахæм лæг æнус...»
Æмæ нæм уæд цыма фæкæсы
Пæхи уæззау цардвæндаг цъус.
Æнус æмæ æрдæджы карæн
Фæцард Агор, Мислим, æндæр.
Фæлæ куы уаид азтæн барæн,
Уæд мах фæцардыстæм фылдæр.
Фыдызнаг нæм цæттæйæ дардта
Фæсвæд-æргом æдзух йæ кард.
Мах бонгай нæ, уысмгай нымадтам
Цæргæ-цæрæнбон гы нæ цард.
Æрымысæм ма тохы азтæ, —
Нывондæн хастам мах нæ сæр.
Æнусты талынгад ныссастам,
Ыссыгъд Октябры цæхæр.
Ыстæй — фæллойадон ыстæртæ,
Нæ дуг нæма уыднс æрвонг...
Ысурс ысты æвзонгæй сæртæ,
Фæлæ нæ цард та кодта ног.
Ыстæй ыстырдæр хæст уыд ахæм, —
Нæ цард тæрæзтыл æвæрд уыд.
Мæлæт æргомæй рацыд махмæ
Æмæ нæ уднывæндтæ хъуыд...
Æрсдокау раивылд дывыдон,
Уыд дуне, тар мигъау, фыдох.
Мæрдтæй ыздæхтыстæм æрвылбон,
Мæлæтимæ та ногæй — тох...
Æмæ фæтых ыстæм мæлæтыл,
Æниу нæ бакодта тыхсын!
Кæм уыд æнцой? Ныр та нæ мæт уыд
Фыдхæсты тугæрхæм ныхсын.
Йе, афтæ царды уаргъ фæхастам,
Лæг ма цы фендзæни фыддæв!
Уæзæй куы аргъ кæниккам азтæн, —
Иæ фæцард махæй лæг фылдæр...
Автор:
КОЗАЕВ Исидор