БОНТÆ УАЙЫНЦ
Рæстæг уайы. Бонтæ бонты ивынц,
Фæлæ нæу æххæст цæттæ мæ хуын.
Сæрыхил фæлурсдæрæй æрттивы,
Рæстæгæн фæфæуд кæны уый «хуым»...
Фæлæ æз быхсгæ хъæцын мæ зыныл, —
Афтæ у мæ удыхъæды конд.
Сæрыхилы цал урсы фæзыны,
Уал мисхалы баддæр кæны зонд...
Згъорынц азтæ, раст — фæдисдзæгъдæгау,
Цыма сты мæ сагъæстæм къуырма.
Нæй æрулæфт ме ’ндонком цæвæгæн,
Уисы кæрон у дæрддзæф нырма...
Фæлæ куырой хъуамæ ма уа ривад,
Не стырбонтæм уа нæ зад æфтыд...
Хъарм ыскъæтты фос куыд кæной ривæд,
Кæвдæстæ сын макуы уой афтид.
Бонгæ уайынц, фæззæгау — мæ сурæт,
Ис мæ уæлæ дуджы ностæй фаг.
Уанæнт азтæ, бонтæ бонты сурæнт,
’Рмæст сыл уæт нæ уæнгты хидæй гакк...
1976
Автор:
КОЗАЕВ Исидор