МÆН СÆРЫДТА ЦАРД
Мæ цард, мæ фыд, — гызмæджытæ, каврæдзиау,
Кæддæриддæр — æргом æмæ æгъатыр.
Сæ рæстдзинад æз бамбæрстон æрæджиау, —
Куы фæхаттæн хæстон балцы — бæгъатыр...
О, мады зæрдæ! Фырты цинæй бадон дæ,
Мæн райсом раджы хъал кæнын на: уагътай.
Æрмæст мæ фыд, — дæу уый карздзинад
бадомдта, —
«Уæлæмæ сыст!» — Йæ къабæзтæ мыл цагъта...
Æмæ та-иу дыдæгътатæнгæ сыстадтæн,
Хуыссæгхъæлдзæг, уæззау нъæззы мæ сæры...
О, цал хатты æххормагæй æз бастадтæн! —
Лæгдæрæй-иу æрыздæхтæн изæры...
Мæ хъысмæт мæн уæззау хæстмæ куы фæхаста,
Æна дзырдта: «Цафон дын у, дæ цахъхъæн?..
Дæхимæ кæс», — хуыцæуттæн мæ ныффæдзæхста,
Мæ фыд та мын: «Дæхи æгадæй хъахъхъæн!»
Мæ цард, мæ фыд сæ цин æмæ сæ мæтæй дæр, —
Æмхуызæттæ, ыскульпгорау мæ даудтой
Ыскодтой мæ сæхи хуызæн æппæтæй дæр(
Сæ уды цырв мæ тугдадзинтæн радтой..;
Æмæ уынут, æз уалдзæгау куыд фæхудын*
Сæрдау нæ дæттын уысм æнцой мæ къухтæи.
Фæззæгау æз — æргъомы бын нæ фæцудын,
Зымæгау — карз, нæ фæбарын нæ цухтæн!..
Автор:
КОЗАЕВ Исидор