АБОН МЫЛ АВД ÆМÆ ДЫУУИССÆДЗЫ СÆХХÆСТ...
Абон мыл авд æмæ дыууиссæдзы сæххæст,
Абон ысдæн æз Къостайы æмбай.
Фæлæ ды ацу, (йæ бæрзæндмæ сæххæсс,
Цъус у, цъæмæлджын мæ фæззыгон най...
Фæлæ лæгæрдын, мæ чъиухид лæмарын,
Чизоны сæххæссон... фæччи — фæлмæн...
Музæ, цæмæн кæныс, агъæц, лæгмарæн,
Гормон, цæмæн сайыс сабиау мæн?
Хатт æз фæзæгъын: «Уынын æй хæстæгмæ,
Фехъусдзæн еныр йæ фæдоны хъæр».
Фæлæ уый цæстыл фæуайы рæстæгмæ,
Æмæ та ногæй ыслæууы уæлдæр.
Айхъуысы ноджы зæллангдæрæй зарæг,
Æмæ фæуадзы æхцон улæфт æрдз.
Цъити нызгъалы цæссыгтæ, ыснарæг,
Хохаг тæлтæг доны бауадзы гуырдз...
Айхъусынц хæхтæ æгъуыстаджы зардмæ,
Быдыртæ акалынц дидин-цæхæр.
Удисæг уд дæр та раздæхы цардмæ,
Ратты йын удыхос зарæджы зæл.
Рттиваг хъæндилау, æхсæврухсæн — цъустæ,
Фæлæ цæй цард у уый — бонты ныххал?
Судзгæ ыстъалыйау, иу хатт ныррухс кæ
Æмæ фæйнæрдæм зынджытæй фæхау!..
1976
Автор:
КОЗАЕВ Исидор