Ныккæс мæм, хур, ныккæс,-
Рæдау æмæ фæрныг дæ.
Хæххон дымгæ, фæхæсс
Мæ зæрдæйæн йæ рыгтæ...
Ныййарæг зæхх, ды тæлф,
Дæ сагъæстæ мæм сидынц.
Дæ дæрзæг арм мыл сæрф,
Цæмæй ысуон дæ фидыц...
О сах къæвда, ды ратт
Æвдадзы хос мæ удæн,
Куыннæ дзы уа бынат
Сымæр æмæ æнудæн...
Автор: КОЗАЕВ Исидор