ÆГАСÆЙ ДÆР ЗÆРДÆ СТÆМ МАХ
Зæрдæ стæм мах æгасæй, иууыл, —
Мæ уд мын бакæнут хæргæ дæр...
Зæрдæ — нæ къах-къухты, нæ риуы,
Нæ къухы æнгуылдзты — зæрдæтæ,
Цæмæй фылдæр уарзт уа нæ уды, —
Æнусты йæ хуынау фæхастам,
Зæрдæ нæ цæстытæй фæхуды,
Хæлæрттæн дзы æргъæмттæ бастам.
Къæбутдзæф ничи уыд нæ кардæй,—
Мах ард лæгдзинадыл фæхæрæм.
Хæлары батавæм нæ артмæ,
Ызнаджы басудзы на; хæрам.
Хæлардзинад — зæринау махæн,
Нæ ахстон у æнусты уаз Ир.
Зæххыл хæларад мургай къахæм,
Ыскæнæм ын зæрдæйæ сасир.
Зæрдæйы ’хсæрдзæнтæм æй дарæм,
йæ рыг, йæ уæлдай йын ныхъхъуыры.
Куы ферттивы налхъуытау дардмæ,
Уæд æй нæ зæрдæйы æвæрæм,
Æгънæгæн æй хуыйæм нæ хъуырыл.
Зæрдæ стæм мах æгасæй, иууыл,
Мæ уд мын бакæнут хæргæ дæр.
Зæрдæ — нæ къах-къухты, нæ риуы,
Нæ къухы æнгуылдзты — зæрдæтæ...
1976
Автор:
КОЗАЕВ Исидор