АРДÆН АГУРЫН ЙÆ ДÆГЪÆЛ...
Цардæн агурын йæ дæгъæл,
Скодтон иуырдæм мæ цыд:
Разæй — сгуыхтдзинад ныдздзæгъæл,
Ис мæ фæсчъылдым æдзыт...
Зæрдæ — тохвæллад, ныхъхъæрзы, —
У нæ цардвæндаг æмхæрд:
Кæд нæ фæдты бонтæ ’мбæрзынц,
Уæд нæ ракодтам мах фæд...
IV.1977.
Автор:
КОЗАЕВ Исидор