ТÆХУДЫ
Леуахи бандзыгау,
Бамыр, нæ худы.
Ахъардта дадзингай
Быдырты уды.
Æмæ æндæр рæттæй
Хъуысы йæ зарын.
Сæндæттæ, дыргъдæттыл
Царды хос уары...
Хур æм фыдæх-сарæй
Судзгæ ныджджихи.
Фæлæ — нæлæхсарæй
Нартхоры рихи...
Мæнæу - куырисбастау,
Æфсир æрзæбул.
Гъей джиди, уисхастмæ
Ам ды фæлæбур!..
Сæнæфсир — конд гага, —
Хуры фæрдгуытæ.
Дыргъдон, зæронд лæгау,
Райста лæдзгуытæ...
Хъусын, зæххы кадыл
Леуахи зары.
Быдыр йæ бæркадæй
Дзаг æрмттæ дары.
Уæдæ æз бакæнын
Донмæ тæхуды.
Уыйау куы батаин
Дзыллæты уды!..
IX. 77.
Автор:
КОЗАЕВ Исидор