ФÆНДАГ
Фæндаг мæм фæкæсы лæг-фурдау,
Дыууæрдæм тызмæгæй ыссæнды.
Ысвæййы уый бирæтæн хуртау,
Æидæртæи æрхæцы сæ фæндтыл...
Мæ хид нын куы калдтой æнæвгъау
Дæ цæхгæр фæзилæн, дæ хæрдтæ...
Лæджы русыл хъамайы цæфау —
Зæххыл ды нæ сагъæсты фæд дæ...
Дæ хæтæнты райгуырд нæ зарæг,
Нымайыс дæ уырзтыл фæлтæрты.
Æрхастай нæм маст æмæ хъарæг
Æнусгы зынгвæдис ыстæрты...
Цыдысты дыл алхуызон адæм, —
Нæртон лæг, уæйгæнæг, фыдхуыснæг.
Кæмæн уыд дæ фæлварæн кадæн,
Кæмæн та æнустæм— æлгъыстæн...
Фæзæгъынц, фæндæгтæ у бæстæ,
Ивæзынц нæ къæсæргæй дардмæ.
Фæндæгтæ дыууæ сгы æрмæстдæр —
Мæлæт æмæ ’нæмæлгæ цардмæ...
XI. 77.
Автор:
КОЗАЕВ Исидор