ЦЫРТ
Дæ уды бацыди нæ цард,
Ды цырт иæ дæ,
Фæлæ йæ сих дæ.
Мæ хъуыды мæн фæхаста дард,
Фыдæлты фæндæгтыл ныддихтæ.
Мæсыг у, кувæндон дзуар, —
Цыдæр æмбæхст тых сæ ыстæлфы.
Нæ цардмæ дарынц уыдон бар, —
Ысты нæ ивгъуыды ыстъæлфæн.
Æмæ кæй уыдтæн æз хуындзау,
Кæй «сыгътон дзуары бын цырæгътæ»,
Уый уымæн нæ, æмæ хуыцау
Уырныдта мæн, йæ тар æврæгътæн
Нæ систон, гамхудау, сæ хыз.
Уый уымæи уыд, — куы дæн æвæсмон, —
Цæмæй йæ арыд къултæй æз
Нæ дард ивгъуыд дугтæм ныккæсон...
Кæм вæййы цырт,
Æрлæууын уым,
Мæ сæр æркъул кæнын йæ цуры.
Цырты мах фенхъæлæм æрхуым,
Фæлæ нын диссæгтæ фæдзуры!..
Автор:
КОЗАЕВ Исидор