ГУЫРДЗИАГ ХÆЛАРМÆ
Нæ зонын, нæ, куыд ысхонон æз дæу, —
Сыхаг, æви æмгар, æви æфсымæр?
Сæ иу дæр дзы мæхи фæндиаг нæу,
Цæстмæ ныхас та, бутъройау, ыссымæр...
Фæтуджджын вæййынц хорз сыхæгтæ хатт,
Æнæхъуаджы, кæйдæр æвзагæй-цурон...
Æмгардзинад дæр рауайы фæлхатт,
Æфсымæртæ дæр... мады гуыбын — хъулон...
Цы дæ схонон? Уый — фарны дзырдты сæр,
Мах уыцы дзырдыл тох кæнæм æнусты,
Куы йæ загътон, нæ йæ ахсын куыддæр,
Æрвнæрæгау зæлланг кæны мæ хъусты.
Хæлар, хæлар, ды ма мын исты зæгъ,
Мæ къух та мын фæрæуæг кæн мæ зыны!
Йæ бынаты ныммур вæййы къæдзæх,
Фæзбыдыры бæрзонд хæхтæ фæзыны,
Уый денджызтæ дæр аивынц сæ ас,
Сæ бын ысзыны — арф æмæ ызгæхæрд.
Æрфæлдæхы æнусон тулдз бæлас,
Куы йыл ныккалы судзгæ арв йæ цæхæр.
Хæларад та! Куыд æнусон у, куыд!
Æвдылдтой йæ йæ туг æмæ йæ рондзы,
Фæлæ йыл цас фылдæр фæлварæн цыд, —
Раст, бадт сæнау, тыхджындæр кодта ноджы
Нæ царды фæндаг дардыл уыд, æвæд,
Æмхъысмæтæй нын никуы уыд æмбæхсæн.
«Мæ сидзæртæ дæ уды фæдзæхст уæнт»,—
Нæ удисгæ кæрæдзийæн фæдзæхстам.
Фæстаг хæдон — цæфтæ бæттæн хæцъил,
Нæ цæстытæ — сыгъдæгзæрдæйы айдæн.
Фыдгулты раз мах никуы кодтам чъил,
Кæрæдзийыл та никуы цæуæм сайдæй.
Æнус-æнус нын ницы уыдис уæрст,
Æмбисыл дих нæ цин æмæ æфхæрд дæр.
Уæдæ æвзарын арды дзырд æрмæст —
Нæдæр сыхаг, нæдæр æмгар — æрдхæрдтæ!
26. IX. 73. Переделкино.
Автор:
КОЗАЕВ Исидор