УАРЗЫН ИУНÆГ ЗЫН
Федтон, бавзæрстон æз зын, —
Тохты арвыстон мæ бонтæ.
Хъуыстон удисæн хъæрзын
Æз мæ тугæрхæм хæстонтæй.
Федтон сау хæсгы фыддуг,
Мад фæмард, йæ туг фæкалди.
Дадта ’хсыры бæсты туг
Риуы цæфæй нахъом саби...
Федтон цардуалдзæджы маст, —
Æрдз йæ сæрхойгæ куыд куыдта:
Базмæлыди зæхх æваст,
Хъæутæ, горæтты ныхъхъуырдта...
Федтон уарзт æмæ фыдæх,
Уадтæ, хохзæйты лæбырæн.
Дард хæстон фæндагыл бæх
Барæгæн æрхауд йæ быны...
Нæй, нæ баззадтæн æвыд,
Бирæ сты лæгæн йæ зынтæ,
Марди сау низæй мæ фыд, —
Удхæссæг уыдта хъæрзынтæй...
Цадæг иу фарсыл æрзылд,
Цæсгом сæнцъылдта фыдрисæй
Æмæ цæстæнгас æрцъынд,
Дуне феккуырста фæдисæй...
Нæй, нæ уарзын æз хъæрзын, —
’Рвитут хъæлдзæгæй уæ бонтæ,
Федтон, бавзæрстон æз зын,
Царды фæлварæнтæ сонтæй.
Фæлæ... уарзын иунæг зын, —
Сылтæ йæ æвзарæд искæд:
АДадæн йе ’нусон хъæрзын,
Ноггуырд сабийы фæдискуыд!..
Автор:
КОЗАЕВ Исидор