СЫЛГОЙМАГÆН
Лæджы ’мсæр сылгоймаг, — сæрыстырæй дзурæм,
Фырбуцæн ысхонæм Сатана дæ ном.
Хуыцæутты-хуыцауæй мах иунæг хорз курæм:
Куы дын бауид исты дзæбæхæй нæ бон.
Цыма дæм дæ хъысмæт æнустæм фæтæрган, —
Дæ фæндаг сындзджын уыд — уырдгуытæ, хæрдтæ
Фæлтæрæй-фæлтæрмæ æрвыстай фæлтæргай
Дæ дзидзийæ хъомыл хъæбулты мæрдтæм.
Дæхиуыл хæцыдтæ цыфæнды фыдохы,
Дæ фырты æрластой, ды та-иу сын уæд:
«Мыййаг кæд къæбутдзæфæй амарди твхы,
Хуыздæр у, уæд сынтыты холы фæуæд!»
Дæ хъысмæт уæззау уыд, дæ райсом — æбæрæг,
Дæ фæндаг кæуылты ныззы.пди — дæрдтыл!
Уыдис-иу: дæ уæзæг а-рбаци æдзæрæг,
Лæджы ном, лæджы бартæ истай уæд ды.
йе, афтæ æрвыстай дæ сæрд дæр, дæ зымæг,
Дæ иу къухы — саби, уыд иннæйы кард.
Уæддæр ды уысмы бæрц нæ уагътай æрнымæг
Уæззау тохты арыд фыдæлтæн сæ арт.
Дæ хъысмæт уæззау уыд, æлтъыстаг, æгъатыр,
Уæддæр нын нæ ныфсы хъæбулты уызтай.
Ды радтай Сосланы, дæ цæргæс — Бæгъатыр,
Нæ Иры булæмæргъ — мæлгъæвзаг Къоста!
Уызтай ды Чермены, Исахъы, Антъоны,
Дæ риуы æхсыр сын тыхы хос фæци.
Дæ номæй ард хордтой, дæуæй уыд сæ сомы,
«Дзыццамæ сын бадзур» — сæ хъыг дæр, сæ цин
Нæ хæхты æгъдæуттæй, уæ хорз адæм, хъавут
Ирон мадæн сыстынмæ, кад ын — фылдæр.
Æмбæлы йын кувын, æмбæлы йын табу,
Æмбæлы йыл зарæг æппæтæй хуыздæр.
Нæ хæхтау — сæрыстыр, былдауæн ныхæстæ
Цæрæнбонты никæд нæ туджы нæ уыд.
Æниу æй мах зонæм, дæуæй ныл цы хæрзтæ,
Нæ кад æмæ номæй дын амайæм цырт!..
Автор:
КОЗАЕВ Исидор