ХÆДЗАРЫ САБИ ЫСКУЫДТА...
Хæдзары саби ыскуыдта,
ныккуыдта,
Зæрдæ ныррызти,
ныххоста фæдисæй.
Уынджы фæлæууыдтæн —
базонон хъуыддаг:
Скуыдта æххормагæй,
æви фыдрисæй?
Фæлæ æз ауыдтон—
мад æм фæтæхы,
Риуы æгънæджытæ
тагъд-тагъдæй халы.
Хуры тын ферттывта
райсомы ’ртæхы,
Царды цин ахъазыд
зæрдæйы малы...
Автор:
КОЗАЕВ Исидор