XАЛОН
Сау халон, ниуыс та, нал кæныс исæн,
Фæлæ ды ма тæрс мæ фендæй æппындæр.
Зонын, цъыбар-цъыбур сисынц фæдисæй
Ахстоны де ’ххормаг, бурхъуын лæппынтæ.
Не ’ууæндын хахуыртыл—скодтой дæ мамми,
Халон ныууасыди, банкъусынц сæртæ...
Фæлæ куыд бакæнон удæн æз сау ми? —
Удты тæригъæдæй слалыми зæрдæ...
Сау хуыз, æцæгдæр, мæ удхæссæг фестад,
Тугкалæн хæсты ’ндæрг бацард мæ уды.
Саби — æнахъомы дарæджы фехста
Æмæ йын байста йæ уалдзæг, йæ худын.
Иунæджы саударæг баруад, ныххуси,
Сау æндæрг гуыдыры цæсты ныццахсти...
Сау хæсты мастæй чындздзон чызг ысурси,
Сабийы цæстытæм никуы ныккасти...
Фæлæ цæмæн хауы халонмæ азым? —
Сау æлгъыстæй йын йæ цæстытæ къахæм.
Уый дæр сабыр арв йæ уды бæрц уарзы,
Æрдз ын йæ хуызтæй ысхай кодта ахæм...
Федтон æз ахæм ныв: халон ныууасыд,—
Мады риу цыма ныццавдæуыд арцæй.
Фæлæ фæкасти — йæ хъæбул æрбазынд,
Рыздæхт йæ иунæг фырт тугкалæн балцæй...
Сау халон, хахуыртыл не ’ууæндын, ма тæрс,
Чи дæм æрхаста фыццаг хатт уый азым?
Атæх, дæ лæппынтæм мады цин ахæсс,
Удты тæригъæдæй зæрдæ ныллалым...
XI. 77.
Автор:
КОЗАЕВ Исидор