ГУТОНДАР БАСГУЫХÆД ИРÆН
Знон мын мæ хъустæ ивæзтой,
Кодтой мын арфæтæ адæм.
Сабийæн рухс цард нывæстой,
Каистæ алхæдтой авдæн.
Скодтой дзы ахуыр лæг иутæ,
Иннæты бафæндыд—дохтыр.
Дардыл сæ арфæ ныххиугæ,
Федтой йæ космосон тохты...
Чидæр, — поэт уыдзæн, — загъта,
Æмæ та гаджидау уадзынц.
Чи йыл пагæттæ æрсагъта,
Радта йæм иннæ та уадындз...
Сыстад дада дæр сæ цурæй,
Рихитæ адаудта сабыр:
«Уæт нын йæ чъиухæдон хурæй,
Зæххæй куыд кæна уый дзабыр...
А-бæстыл зарæд йæ лирæ,
Ма уæд нæ хæхбæсты уазæг.
Гутондар басгуыхæд Ирæн,
Ма суæд зæрæстон йæ уæзæг»...
VII. 77.
Автор:
КОЗАЕВ Исидор