XОСТÆ
Дысон та не ’фсин
Иæ уæрджытæ хоста,
Кодта зынтухæн, фæлтæр.
Æмæ та мæнæ
Мæ дзыппыты — хостæ,
Зæрдæ фыдмастæй — фæлтæрд.
Хостæ, цынæ хостæ!
Ис нæм, уыди нæм,
Фæлæ... фыддæрæй-фыддæр!
Чидæр ма загъта:
Ысфыцæд мыдимæ
Ногмард тæрхъусы игæр.
Æмæ та ногæй
Цæуын æз фæндагыл, —
Исты ыскæнон сæрфат.
Чизоны, рауайа
Ацы хатт уагыл,
Чизоны, сиса йæ уат...
Аргъæутты уарзонау,
Теркæй зæгъ, Туркæй, —
Хостыл фæзылдтæн æз дæр.
Ме ’фсин куынæ уа, —
Цы хъавын уæд мулкæй!
Фæлæ... нæ кæны хуыздæр.
Даргъ æхсæв арвиты
Афтæ хæдудæй,
Æз дæн йæ уæлхъус — «хуындзау»...
Раттин æз хосæн
Мæ зæрдæйы тугæй,
Фæлæ кæм ис, кæ, хуыцау!..
Дысон та батыхст,
Йæ уæрджытæ хоста,
Зæрдæ ныджджихи, ныммыр.
Æмæ та мæнæ
Æз агурын хостæ,
Фæлæ... мæхицæн дæр ныр...
Автор:
КОЗАЕВ Исидор