УАЛДЗÆГ ÆМÆ РАЙСОМ
Бирæ уарзын рæстæджытæй уалдзæг,
Алцы райхъал, сулæфыди æрдз.
Нал у кæрдæг хаудсæр æмæ мардзæнг,
Ьацыдис та саумæр зæххы гуырдз.
Зымæджы цы бавæййы мæрдвынæй,
Уыдон дæр га райхъал ысты ныр.
Худы æрдз, нæ фæллайы тæлфынæй,
Сифтыгъта йæ æхцонмыр фæндыр.
Хуры тынтау, цæстытæ фæливы,
Зæрдæ та ысулæфыди рог.
Мин-мин хуызтæй Иры зæхх æрттивы,
Ноггуырдау дзы алцы дæр у ног.
Бонафонтæй райсом уарзын бирæ,
Хæхты тигътыл адон вæййы хур.
Фесты æрдз æрдхæрæйнаджы лирæ,
Ц,арды цинæн нал вæййы ныхдур.
Байдзаг вæййынц зад сæрвæттæ дзугтæй,
Ьыдырты — куысты хъæлæба, хъазт...
Цыма уадзынц нарст мæнæутæ дугътæ, —
Дымгæмæ сæ дзыккутæ — хæрзфаст.
Зæрдæ сдзуры: «Цæй-ма, хохмæ схизон,
Уырдыгæй фæхабар кæнон æз:
Дысон та нæм райгуырди фæдисон,
Уæ Ирыстон, де ’рвылрайсом хорз!»
Автор:
КОЗАЕВ Исидор