ФЫЦЦАГ ХАТТ СЫЛ ÆРТÆФСТЫСТЫ СÆ ЗЫНТÆ
Хъорнисы колхозы ветеран Тедеты Уаснлы амæлæты тыххæй
Æхсæвыцъæхтæ,
Телефон ныццагъта.
Сæумæйы фынтæ, —
Чи фæцис æгъуыссæг?
Уасил, дам, амард,—
Зонгæ хъæлæс загъта, —
Æхсæвы тарау,
Алыгъди мæ хуыссæг.
Фыдохыл мах
Куыннæ стæм рагæй ахуыр —
Ныллæмæрстам
Нæ цæстысыг фыдхæсты.
Фæлæ цыма
Нæ комбæстæ фæкъахыр,
Æмæ та фемæхст
Судзгæ мæцъæл цæсты.
Фæллойы лæг,
Зæххимæ уыд æмцæдис,
Кæм уыд æзгъуыд, —
Æвзартæ дзы уый сагъта.
Хъæубæсты фарн
Иæ уæхсчытыл æнцадис,
Фæлæ йыл уый
Къæм абадын нæ уагъта.
Фыццаг зиууон,
Фыццаг колхозон сыхы,
Цыдысты йæм
Æххуысагурæг адæм.
Нæртон лæг уыд,
Кæддæриддæр — йæ тыхы,
Æнæ адæм ын
Цард нæ уыдис адæн.
Сыгъди фыдхæст,
Уыдысты хъæутæ хастау,
Нæ ныфсытæй ма
Чи баззад нæ цуры!
Сылгоймаг ма
Кæм раст кодта йæ астæу, —
Лæджы куыстаг,
Лæджы æвзагæй дзуры...
Чи барæй хъал,
Чи, сау мигъау, — æрхæндæг,
Æгъдауыл дæр
Кæм уыдаиккой иууыл!..
Уасил кæддæр
Салдат уыди йæхæдæг, —
Рыг абадын
Нæ бауагъта йæхиуыл...
Æниу уыдис
Фыдхахуыртæ, фыдæвзаг,
Кæйдæр цæстæнгас
Сусæг-æргом хъазыд...
Нæ хæхбæстæм
Куы ’рбахæстæг фыдызнаг,
Уæд барвæндонæй
Партизантæм ацыд.
Ыстæй та — сых, —
Уæддæр сæ ныфс, сæ сæр дæ!
Ныффæрæзтой
Æнæуромгæ рисæн...
Ысдæрзæги
Æдзухон мастæй зæрдæ, —
Сæ бæлццæттæ сыл
Бакодтой æвдисæн..
Фæлæ Уасил
Куы амарди, йæ цыртæй
Куы схай кодта
Иæ хæстонæн, йæ фыртæн,
Уæд иннæтæ дæр
Базыдтой сæ амонд,—
Сæ бæлццæттыл
Фыцца! фæкуыдтой абон...
Цыма йæ фæстæ
Куырой дæр ныссæлдзæн,—
Иронвæндаг,
Æрхæндæджы хъæрзынтæ...
Сæ цæстысыг
Ныллæууыдис æхсæрдзæн,
Фыццаг хатт сыл
Æртæфстысты сæ зынтæ...
Автор:
КОЗАЕВ Исидор