ФÆЗЗÆДЖЫ ХУРТУАН
Дыргъдоныл æруæз кодтой йæ рифтæгтæ, —
Фæззæджы нæртон æргъомы зын.
Агурын цæрдхос уидæгтæн рифмæтæ,
Сиды мæм фæллад цæнгты хъæрзын...
Дардыл айтынг цардбæркады хуртауæн,
Зæхх æмæ лæджы чъиухидæй — нарст.
Фæззæг ма кæны фæдисæй хурдавæн,
Бур цæстытæй къæбицтæм ныккаст...
Рынцадысты зæххы риуыл къабæзтæ,
Бындзæфхад ныллæууыди хæлиу.
Раст цыма ныдздзой-мой кæны а-бæстæ, —
Къалиутæй куы ныккæрзы сæ иу...
Фæлæ нæу сæрбахъуыды æвæгæсæг,
Бирæ у нæртон хуындзауы фарн.
Уадысм ын ныллæууыдис æвгъæдгæсæй,
Дары йæм ныййарæг зæхх йæ арм...
X. 77.
Автор:
КОЗАЕВ Исидор