ÆЗ ХÆРЫН КÆРДЗЫН
Æз хæрын кæрдзын,
Ацыдтæн та сагъæсты.
Зæрдæйæн у зын
Ивгъуыд дуггы ахæсты...
Сидзæр æмæ хæст, —
Удæй цард куыд хъазыди!
Цыма мыл æртæфст, —
Къæбæр къухы баззади.
Цæстыл уайынц ног
Уыцы бонтæ, акæсын:
Нал фæразы цонг
Уис кæронмæ ахæссын.
Иу чысыл къæбæр —
Аххæссыд-иу не ’фондзыл.
Хуым кæныс уæддæр,
Анцой кодтай æфсондзыл...
Зæрдæ у æнкъард,
Ивгъуыд маст æй асхъаудта.
Сиды Леиинград —
Саби уынджы асхъиудта...
Цал цæрдуды, цал
Амарди æххормагæй!
Нал гæрсæм ныр, нал
Гухи æмæ хорхъуагæй.
Фæлæ цас ис, цас
Дунейыл æххормæгтæ!
У нырма дæр тас —
Чи сын уыдзæн хордæтгæг?
Æз хæрын кæрдзын,
Ацыдтæн та хъуыдыты...
XI. 77.
Автор:
КОЗАЕВ Исидор