ХОЙРАГ
I
Нæмыггай тауæм хуымы дæу,
Æфсиргай уидзæм хуымы дæу,
Куы фенæм зад быдыр-кæрдзын,
Уæд ферох кæны лæг йæ зын.
Фыдæлтæй баззадис æгъдау:
Зæххыл къæбæр фенай, æфсир,—
Æрæпнал, ма йæм бахæсс фау,
Æмæ ныккæндзæн дуне нин...
Æ.мæ фæфылдæр уыдзæн хъарм, —
Зæххы æвæджиа[ лæвар!
Нæ дæтты хойраджы стыр фарн
Иæ сæрты ахизыны бар...
Къæбæр, лæджы дæрзæг æрмгтæн
Дæуæй рæсугъддæр фидыц нæй!
Дæу тыххæй уый цæуы мæрдгæм,
Дæ тых æй раздахы мæрдтæй...
II
Фæлхатт мын ма схонут мæ дзырд,
Уæд сæфы зарæджы бæркад.
Хæрæм æрвылбон дæр кæрдзын.
Æмæ уый чи схондзæн фæлхатт!
Нæ царды удæнцой — кæрдзын,
Зæххы сой, адæймаджы хид.
Æрзади, — быдыртæ хъæрзынц,
Æнæ уый дуне дæр — афтид...
Мах хъусæм ноггуырды цъæхахст,
йæ куыд цæуыл вæййы, йæ зын?
Фынæйæ фесхъиуы æваст, —
Вæййы йæ хъуыдыйы кæрдзын...
Лæгæн æмбæлццон у æнус,
йæ царды катайаг, йæ уаргъ...
Нæ бавзæрста æххормаг цъус
Æмæ дын уымæн кæны аргъ.
Нæмыггай тауы хуымы дæу,
Æфсиргай уидзы хуымы дæу.
Куы фены зад быдыр-кæрдзын,
Уæд ферох кæны лæг йæ зын.
Фыдæлтæй баззадис æгъдау:
Зæххыл къæбæр фенай, æфсир, —
Кæд фæччыди кæрдзыныл фау? —
Уый у хæдзары гакк, æфсин.
Æрæвнал, аба йын кæн хъарм,—
Зæххы æвæджиаг лæвар.
Нæ дæтты хойраджы стыр фарн
йæ сæрты ахизыны бар...
Фæдзырдта уазæгмæ ирон, —
Нæ фегад кæндзæн уый йæ сæр.
Уæзданæй зæгъын у йæ бон:
Цæй, баввæрс — цæхх æма’ къæбæр...
Кæрдзын, лæджы дæрзæг æрмттæн
Дæуæй рæсугъддæр фидыц нæй.
Дæу тыххæй уый цæуы мæрдтæм,
Дæ тых æй раздахы мæрдтæй...
Цæхх кæнын нал хъæуы цæххыл,
Кæрдзын — зæххы цин дæр, йæ зын...
Дыууæ æмсæр тых ис зæххыл —
Бæсты фарн — Лæг æмæ Кæрдзын!
IX. 1973
Автор:
КОЗАЕВ Исидор