ДЫУУÆ КЪУХЫ
Дыууæ цонджы, куыствæллад арм,
Зæххуромæт мæцъистæ!
Бæстыл сымах баитыдтат хъарм,
Сымахæй зоны ристæ.
Ыстут дæрзæг æмæ фæлмæн,
Уæвгæй, тых та кæм арут!
Æлхъывтат ыады риумæ мæн,
Уæ уд уæ армы дарут.
У афтæ адæймаджы æрдз, —
Куы — тар, куы — хурæй ирддæр...
Ызмæлы мады хуылфы гуырдз, —
Сымах æм дарут уе ’рттæ.
Уый райгуырд амонды æфсин,—
Сыгъдæг, æнæлаз, авгау.
Фыццаг уый банкъардта уæ цин,
Бæрзонд æй систат хъавгæ...
Уыдыстут авдæнмæ сымах
Мæ аудæг хуыцæуттæ.
Зæххыл куы рывæрдтон мæ къах, —
Уыдыстут мын быцæутæ...
Уæ цин, дыууæ къухы-дæрзæг,
Нæ фæкæндзынæн уæгъды.
Сымахæй райстон æз лæдзæг,
Цæуын фиййау нæ хæхты.
Мæ уадындз сифтыгътат — нæртон,
Æмæ нæрынц йæ зæлтæ.
Ныууæт ызгъæлæнтæ бынтон,
Куынæ агайа зæрдæ!..
Зыдтат мæстæймарын дæр, хыл,
Мах бавзæрстам уæ хъыгтæ.
О, цас ныккалдæуыд зæххыл
Уæ азарæй цæссыпæ!
Æнцонæй бауарзга уæ цæст
Мæ риумæ топп ныддарын.
«Мæрдтæй» мæ раздахын æрмæст
Куыд зын уыдис, æмбарын...
Уæ цин — нæртон куывды фæззæг, —
Нæу туг мыййаг æхсыр-зæй.
Цæмæй-иу сæвæрат уæзæг
Дзæбуг æмæ æхсырфæй.
Цæмæй, ифтыгъд галтау, цæд уæм,
Куыннæ уа не ’хсæн фау дæр...
Лæг-иу куы амæла, уæд уæм
Цæмæн кæса уæззаудæр...
Дыууæ цонджы, куыствæдлад арм,
Зæххуромæг мæцъистæ!
Ьæстыл сымах байтыдтат хъарм,
Сымахæй зоны рисгæ...
Йæ бæрны бакодтой хæссын
Зæххы хъысмæт мæ удæн.
Æз ыл тыхджын цæнгтæй хæцын,
Æмæ йын нæй фæцудæн!..
Автор:
КОЗАЕВ Исидор