ФЕСКЪУЫДИ ГУТОНЫ ЗАРÆГ
Галы æрбакодгой, сабыр æрлæууыд,
Бæндæнæй абастой уымæн йæ къæхтæ.
Æмæ æрфæлдæхтой хъавгæ уый нæууыл,
Зæхх цыма фезмæлыд, феккуырстой хæхтæ...
Нæу ын фыццаг хатт, цæфхад-иу ын сагътой,
Хохæй быдырмæ ныууагъта йæ фæдтæ.
Фæлæ йын абон фæсгаг хæрзбон загътой
Æмæ йын бавнæлдтой кардæй йæ фæндтæм.
Гутон, æфсæн гутон бандзыг йæ фарсмæ,
Фалдæр та зæххыл ныддæлгоми адæг.
Гал та ныхъхъуыста уæд мæры ныхасмæ,
Цыма дзы ахста уый гутоны зарæг...
Цæст дæр нæ ныкъулы, арв дзы ныддæлгом,
Æмæ дзы разынди цардвæд æрхуымæй:
Хъæды æрцæвæнтæ, ихвæд, фыдæлгом,
Мусы йæ зилахар, гутонвæд хуымы...
Уæртæ йын бахастой сау кард йæ хурхмæ,
Бафтыди ноджыдæр дунейы рисыл...
Фестъæлфыд сау зæхх, фæнымæги хур дæр, —
Гутоны зарæг уый фескъуыд æмбисыл...
Автор:
КОЗАЕВ Исидор