УÆЛАХИЗДЗАУТÆН
О, май, Уæлахизы бæрæгбон,
Æнусон уалдзæджы цырагъ!
Зæххæн йæ иууыл ыстыр хъæдгом
Дæ хъармæй байгас кодтам мах.
Уыд хæст. Куыннæ лæууы нæ зæрдыл!
Цæфæн дæр не ’мбæлди хъæрзын.
Ныр ныл Уæлахизы бæрзæндыл
Æртæфст нæ тугæрхæмтты зын.
Нæу рох, куыд ныл уарыд йæ цæхæр,
Æгæрон дудгæбæттæ, хъыг...
Мæ хъуыды тохвæдтыл ныдздзæгъæл,
Æрхъуызы уадултыл цæссыг.
Ыскъуыди цард, æнæуд тагау,
Ныммали хуры цæсты сау.
Гыдтам æвзонг удтæ, мыггагау,
Æмæ уæлахиз уагъта тау.
О, цал ныййарæг баззад ниугæ, —
Куыд зын у сау хабар зæгъын!
Æбæрæг ингæнтæ мах иугай
Нырма дæр агурæм зæххыл,
Сæ ном — нæргæ, нæу уый былдауæн, —
Сæ фæрцы баззад цард зæххыл.
Ыссис ирон фынгыл æгъдауæн
Сæ номыл гаджидау зæгъын.
О, май, Уæлахизы бæрæгбон,
Æнусон уалдзæджы цырагъ.
Зæххæн йæ иууыл ыстыр хъæдгом
Дæ хъармæй байгас кодтам мах...
Автор:
КОЗАЕВ Исидор