ÆНМÆСТ КÆМ ÆРБАДОН...
(Хæсты чи фæмард, уыцы салдат
йæ фыргы чындзæхсæвы)
Хуыцауæй иунæг амонд домын:
Кæнут чындзæхсæвтæ фæрнæй.
Æрмæст... кæм æрбадон, нæ зонын,
Мæ цахъхъæнтæ дзы иу дæр нæй...
Мæ бонтæ нал сты сæ уагыл, —
Æстдæс азы мыл цыд æрмæст,
Фæцу ’мæ ма ’рцуйы фæндагыл
Уæд мæн куы араст кодта хæст...
Раст уыцы уалдзæджы чындзæхсæв
Ныззылдтон хъæубæстæн бæргæ.
Фæлæ... æнусбонтæм — фыдæхсæв...
Æниу нæ акодтон мæлгæ!..
Мæныл мæлæты хин фæлвæрдтой,
Мæныл тæвд нæмыджы их цыд;
Мæныл «цæрмæмпъузæн» æвæрдтой,—
Мæхи царм басыгъди, нымпылд.
Æппындæр нал баззад мæ уæнгты
Мæнæн мæхи тугæй æртах.
Æрмæст сæ дадзинты мæ уæнттæн
Кæйдæр «æфстауы» туг фæтагъд...
Уынут, мæхи хуызæн мæ цъус и,
Уæгæры бæласау — æхсæст.
Мæ сæр сывæллонæй ысурси,
Нылгъæди дудгæбæттæй цæст...
Нæннæ, нæ агурын уæ астæу
Мæхицæн дзæгъæлы бынат.
Æрмæст... куыд цæудзысты мæ азтæ
Мæнæн мæ райгуырцæй нымад?
Уый у сæ риссагдæр мæ ристæн, —
Æз азтæн нал зонын сæ цыд.
Мæ фырт мæхицæй абон — хисдæр,
Фæкæнынц хисдæрæн та цыт...
Æмæ æз дæр уæ цин, уæ худтмæ
Фæзындтæн, ницы мæм ис хин...
Æрмæст... кæм æрбадон, зæгъут-ма,
Кæй цахъхъæн рахонон мæхи?!.
1973
Автор:
КОЗАЕВ Исидор