ÆРНЫГУЫЛД ХУР, ФАСТАРХУЫЗ БÆСТÆ...
Æрныгуылд хур, фастархуыз бæстæ,
За’рæндæрг арф кæмтты ныццахст.
Æрвхахх фæмнл, цъæхвæлыст фæзтæй
Уый систа цъысцъысаг цъæхахст.
Ыстылди мæй, йæ фæлурс тынтæй
Ыскодта æхсæвыл уый кæрц.
Æрулæфт нæй, æфсирком хуымтæй
Зæххыл ныффæдис кодта уæрцц.
Га’ппуд тæрхъус та фестад хъустæ,
Йæ «антеннæтæ» арпмæ—хъил.
Фæлæ та фесхъиудта — раст пустъа,—
Уый базмæлыд йæ фарсмæ цил...
Æрсабыр хъæд, йæ фæллад уадзы,
Иæ быны аууæттæ — æнцад.
Ыстъалы гудзиццытæй хъазы,
Цыкурæйау æй тулы цад...
Æхсæрдзæн ма кæм кæны уисæн! —
Æхсæвгæсау ын нæй æрхуыст.
Цæмæй та раста æрдз фæдисæй
Сæумæйæ, райхъал та уа куыст...
X. 77.
Автор:
КОЗАЕВ Исидор