Афонмæ та хъæуы
мит лæгбæри ныууарыд,
Урс кæрцы бын хъармы
нæзы хъæд хуыссы.
Цæхджын фыд фæбурбын, —
пецы сæрмæ сарыд,
Фæндаджы онг суанг
хуссымаг хæссы...
Афонмæ та сыхы
хуынд хуынды куы сайы, —
Бæрзæй æмæ сæрæй
афтæ у æгъдау.
Æмæ та Æна дæр
уазджытыл куы райы,
Бадт арахъ, физонæг
уый хæссы рæдау.
Афонмæ та фосæн
уым сæ разæй донмæ,
Арф миты фæдгæнгæ,
схæрд кодта Гæрæм.
Дзоныгъы фæд рагъæй
зул-мул ацыд коммæ,
Æрдузы та баззад
тæрхъусы кæлæн...
Афонмæ та комы,
хъадаманты бастæй,
Æхсæрдзæныл баци
а-дуне къуындæг...
Куыройæн йæ ихтæ
уым Дада ныссаста
Æмæ та ыскуыстой
йе ’фсæртæ сындæг...
Афонмæ йæ кæфдзых
аивæзта фæрæт,
Æмæ хъæдæй хъуысы
удисæн хъæрзын...
Раст бæхы хæлд рагъау, —
ностæ у, фæгæрæм,
У мæнæн, фыдфынау,
æрдзы сагъæс зын...
Афонмæ нæхимæ
мит ныууарыд арфдæр
Урс кæрцы бын цадæг
быдыртæ нæрсынц...
Æмæ уæм, бæлгæйæ,
æз куыд кæсын, афтæ
Уалдзæджы цæстытæ
къуылдымтæй кæсынц...
Автор: КОЗАЕВ Исидор