ХÆХХОН ИЗÆР
Цъызгæ уал æхсæв
Адгуыгæм фæныхылдта,
Ысхæрд кодта
хъуызгæ-хъуызгæ уый фæхсытыл.
Зæрин хурæн
йæ алдымбыд æрыхæлдта,
Æрсагъта йæ уый
хох-цъуыппыты уæхстытыл...
Æдзæм сабыр æрæнцади
мæ уæхсчытыл,
Ныхъхъуыста мын лæмбынæгæй
мæ сагъæстæм.
Фæллад хур ма
æрцауындзæги æфцджытыл,
йæхи ма тоны
аууæттæн сæ ахæсгæй...
Фæлæ йæ æхсæв
хъарм уаты æрныуæрста,
Ыскодта йын ыстъалытæй та
рухсбæркад...
Фæлмæн æртæх,
æлутонау, фæныуæзта
Æмæ æрцыди райсоммæ
йæ нозтвæллад...
V. 77.
Автор:
КОЗАЕВ Исидор