ÆРДЗ — МÆ САГЪÆСДОН
Вæййы мын цин —
Æппæлын æрдзæн,
Уый фесты мидбылхудт æгасæй.
Лæууы йæ цæстысыг
Æхсæрдзæн, —
Куы кæнын хъыг, куы тæрсын тасæй...
Вæййын ыстонг —
йæ дзаг арм дары,
Æмæ йæ бæр-бæркадæй кайын.
Æркурын дон —
Мæ дойны мары,
Ныййарæг мадау мыл фæгайы.
Йæхæдæг у
Мæ цæфтæй ностæ,
Уæддæр мæм цин-цыбæлæй худы.
Кæлы мæ туг —
Дæтты мын хоста,
Мæрдтæй дæр раздахы гыхст уды.
Вæййы мын тас —
Йæ уарт мæм дары,
Ирвæзт дæ уæд нæмыгæй, ихæй...
Тæвд боны мын
йæ аууон хъары,
Фæсуры уазалы мæ ихæн.
Æрхæссын кад,
Уæд — рухсдæр, хъалдæр,
Уидагæй къалиутæм — къæрццæмдзæгъд.
Фæлæ æгад —
Чысыл, мисхал дæр,
Уæд у æлхынцъæрфыг, мæстæлгъæд...
Куыннæ дзы федтои
Хорз — æгæр дæр!
Йæ уарзг, йæ цин дæтты æххæстæй.
Мæнæн у æрдзы билцъ
Мæ зæрдæ,
Иæ таутæ — зарæджы ныхæстæ.
Æз дæн йæ фæдисон,
Æхсæвдар,
Йæ фæхудт — мады рухс нæстытæ;
Йæ ферттывд —
Хохаджы æхсаргард,
Йæ æртæх — уарзоны цæссыгтæ...
Æрмæст...
Иæ хæрзтæ йын куыд фидынц?
Уынут, цыргъ фæрæт æм æвзиды.
Æвдадзы хос у æрдз,
Нæ фидыц,
Фæлæ... æххуысмæ уый дæр сиды...
IV. 1977.
Автор:
КОЗАЕВ Исидор